название:
автор:
Мæ фыд мæнæн дæ мæ цæугæ мæсыг
автор:
Неизвестен
рейтинг: ★★★★★ / 5.2 / 1171 просмотр
- Текст
- Открытка с текстом
Мæ фыд мæнæн дæ мæ цæугæ мæсыг Æмæ дæ мæ сæр бæрзæндты хæссын Цæйбæрц рæвдыдис дæ сæстынгасы Рæссугъд фынаумæ дæхимæ `лвасыс Дæ уæздан ныхас зæрдæйы тавы Лæгæн йæ зынты йæ фæллад сафы Мæ фыд бирæ дæ уарзын, гъей Æмæ дын кæнын ацы зарæг, гъей Нæ хæдзар рус мæ фыд дæ фарнæй Дæ хорз æгъдæуттыл æз фидар хæцын Æппыныдзух дæр ды худгæ кæсыс Нæ рæссугъд цардмæ ды цинтæ хæссыс Уæздан хистæртæ нæ буц кæстæртæ Нымæц куы нæ ис дæ хорз хæлæрттæн Мæ фыд бирæ дæ уарзын, гъей Æмæ дын кæнын ацы зарæг, гъей Хæсты быдыры æзнæгты састай Æмæ нын демæ уæлахиз æсхастай Фæрнæй куы кусыс нæ сабыр царды Нæ бæстфы намыс нæ басты кадæн Дæ хæрзиуджитæ дæ фæтæн риуыл Сæ уонт стæлытау тæмæнта калы Мæ фыд бирæ дæ уарзын, гъей Æмæ дын кæнын ацы зарæг, гъей (3)
А как ты думаешь, о чем песня "Мæ фыд мæнæн дæ мæ цæугæ мæсыг" ?