ГлавнаяИсполнителиНеизвестенУарзондзинады цæхæртæ
название:

Уарзондзинады цæхæртæ


автор:

Неизвестен


рейтинг: ★★★★★ / 5 / 1031 просмотр
Уарзондзинады цæхæртæ

Хъусынц нæм хъусынц дзыллæтæ
Абон нæ зарæджы зæлтæм.
☺ Чызгæй мæ цæстытæм мын æрбакæс –
Фенай куыд дыл у мæ зæрдæ. ☺ (2 хатты)

Бакæсын дæр дæм нæ уæндын,
Зæрдæ фыруарзтæй фæтоны,
☺ Фæлæ дыл баууæнд, æуæндын,
Бамбардзынæ мæ – уый зонын. ☺ (2 хатты)

Ничи мæ хъæуы дæ цуры,
Демæ мæ фыны фæдзурын.
☺ Судзынц мын судзынц мæ зæрдæ –
Уарзондзинады цæхæртæ. ☺ (2 хатты)

Де’мбæлттæ сагъæс æмбарынц –
Уый мæнæ мысы дæ сурæт,
☺ Дæ алы къахдзæф дæр дын барын –
Ды дæ мæ зынтæн сæ сурæг. ☺ (2 хатты)

Мадзура куы уон дæ разы,
Иуварс дæ ме’нгас куы здахон –
☺ Ма иу мæм рахæсс уæд чызг азым,
Ды мæн æнæрвæссон мæ схон. ☺ (2 хатты)

Ничи мæ хъæуы дæ цуры,
Демæ мæ фыны фæдзурын.
☺ Судзынц мын судзынц мæ зæрдæ –
Уарзондзинады цæхæртæ. ☺ (2 хатты)

ЗАРÆГ ÆРБАВГÆНÆН ИС АРДЫГÆЙ:

 [bad word] /www [bad word] SONG/uarzondzinady%20caharta.htm

Послушать/Cкачать эту песню
Mp3 320kbps на стороннем сайте
А как ты думаешь, о чем песня "Уарзондзинады цæхæртæ" ?
2010-2020 © WebKind.Ru Тексты песен