ГлавнаяИсполнителиИрина Хидирова (гр.Лескен)Солтани зар (гъарæнгæ) Дигорская
название:

Солтани зар (гъарæнгæ) Дигорская


автор:

Ирина Хидирова (гр.Лескен)


рейтинг: ★★★★★ / 5.2 / 1158 просмотров
Нæ гъæуæй еуварс уæлтегъæ бæрзонди
Æнцайуй Солтанæн æ зин хъусдзир.
Дидинæг фæлзтæй (-?) зиннуй бæрзонди.
Зæрдæ тонунмæ уæд ку æрцæуй.

Æрбамбурдæнцæ сау-сауид мегътæ,
Æгуппæг фæцæй уæд мæргътæн сæ зар.
Идард рауæнæй Солтани зан хабар
Ку исæмбалдæй нæ гъæубæстæбæл.

Ка син æй зæгъдзæнæй мадæ ма фидæн,
Ке бастъалдæй (-?) нур сæ хоритунæ.
Æгуппæг фæцæй е сикъити буни,
Раскъудæй æ цард тæккæ тæмæни.

Ниссхъазар кодта æ царди бонтæ,
Идард рауæни райста æ мæлæт.
Нæбал фæууидта æ уарзон бийнонтæ.
Райста æ ингæн, раскъудæй æ (???).

Маргъи базуртау æ сау æрфгутæ,
Æхсæви тарау æ дууæ цæсти.
Бустæги 'мбаргæ æ фæлмæн дзурдтæ.
Кæ йæй нæ зудта æгас гъæубæсти.

Куд бухсис де 'мгæрдтæбæл нур ду дæ цирти?
Дæ уод син ку нæ кодтай ду æвгъау!
Нур (???) сæ цийнæ сæ зини.
Куд нæбæл дæттис син нур ду æгъдау?

Ниххезун куд бакумдтай ду сау циртмæ,
Куд никкалдæй æнæгъолæй дæ цард?
Куд бахастай дæ хæццæ сигитмæ
Дæ берæ сагъæстæ, дæ зæрди уарзт?

Дæ фæлмæн мадæн æ зæрдæ тонуй,
Хъиамæтгун фидæ ба неугæ хæтуй!
Еци устур фуд сæ бон хæссун ку нæй,
Сæ бонирохс сæбæл ку батар æй.

Дæ рохс ном байзайдзæнæй æносмæ,
Дæ кадæн дæ сæргъи мæсуг лæууй.
Сау цæстисуг калгæй дæ ном имисдзиан,
"Рохсаг уо..." алкæд дин мах зæгъдзинан.

Послушать/Cкачать эту песню
Mp3 320kbps на стороннем сайте
А как ты думаешь, о чем песня "Солтани зар (гъарæнгæ) Дигорская" ?
2010-2020 © WebKind.Ru Тексты песен