ГлавнаяИсполнителиИнна ГучмазоваКæд зарон
название:

Кæд зарон


автор:

Инна Гучмазова


рейтинг: ★★★★★ / 5.2 / 1165 просмотров
Кæд зарон — ирон къæсы авдæны зарæг,
Цæгъдон кæд — мæ Иры фæндырыл æрмæст,
Кæд худон — мæ Ирæн йæ зæрдæйы цинæй,
Кæд уарзон — уæд Иры цæхæрцæст мæ мæт.

Кæуон кæд — мæ Ирæн йæ зынгхуыст хъæбултыл,
Кæд нуазон — уæд Ирæн йæ кæхцæй æрмæст.
Кæд рафтауа — дидинæг Иры къæдзæхтыл,
Фæнды мæ уын адæмы хурæй æфсæст.

Ссæуон кæд — нæ Иры бæрзонддæр цъитийыл,
Кæд судзон — уæд Иры цырæгътыл æрмæст.
Тæхон кæд — Ирыстон, дæ цъæх арв мæ денджыз,
Кæд риссон — иронау мæ хъарæг ’мæ мæт.

Мæлон кæд — Ирыстоны сыджыт — мæ ингæн,
Цæрон кæд — Ирыстон мæ Хуыцау мæ уарзт.
Цы кæнон... О, афтæ у ме сконд, мæ зæрдæ,
Цы кæнон... Нывонд у мæ Ирæн мæ цард.
 [bad word] ossmus

Послушать/Cкачать эту песню
Mp3 320kbps на стороннем сайте
А как ты думаешь, о чем песня "Кæд зарон" ?
2010-2020 © WebKind.Ru Тексты песен