ГлавнаяИсполнителиРуслан ГаджиновЦыма та (осетинский вальс)
название:

Цыма та (осетинский вальс)


автор:

Руслан Гаджинов


рейтинг: ★★★★★ / 4.8 / 786 просмотров
Цыма та æрыхъалы мæ рагбонты фын, цыма,
Цыма та мæ зæрдæ фырцинæй тæлфы, цыма,
Цыма та æхсæрдзæн йæ нæрдæй фæхъус, цыма,
Цыма та æндзæвы дæ русыл мæ рус, цыма,
Цыма та дæ къахдзæфтыл ногæй цауын, цыма,
Цыма та дæ цуры куывддонау лæууын, цыма,
Цыма та дын ронгау мæй дары йæ рухс, цыма,
Цыма та æндзæвы дæ русыл мæ рус, цыма…

Базард:
Цыма та, цыма та, цыма та, цыма,
Нæ амондмæ уарзæттау цæуæм нырмæ,
Бæрзонд уарзты циныл мæх цинтæ кæнæм,
Кæрæдзийы уындæй цæрæм… (2 хатты)

Цыма та дæ номæн фыццагæу цæрын, цыма,
Цыма та дæ номæй сыгъдæг ард хæрын, цыма,
Цыма та дæ уындæй мæ зæрдæ у буц, цыма,
Цыма та æндзæвы дæ русыл мæ рус, цыма…

Базард.

Цыма та дæм агурæг уайы дæ мад, цыма,
Цыма ды нæма дæ кæйдæры нырма, цыма,
Цыма та дæ цинæй нæ дуне ныррухс, цыма,
Цыма та æндзæвы дæ русыл мæ рус, цыма…

Базард.

Послушать/Cкачать эту песню
Mp3 320kbps на стороннем сайте
А как ты думаешь, о чем песня "Цыма та (осетинский вальс)" ?
2010-2020 © WebKind.Ru Тексты песен