ГлавнаяИсполнителиНеизвестенБауадз æдзух дæ зард æмæ мæ зæрдæ
название:

Бауадз æдзух дæ зард æмæ мæ зæрдæ


автор:

Неизвестен


рейтинг: ★★★★★ / 5.5 / 1454 просмотра
Бауадз æдзух дæ зард æмæ мæ зæрдæ,
А зæххыл ды мæнæн уæларвон зæд дæ,
А зæххыл ды мæнæн мæ хуры тын дæ,
Мæ тæккæ рухсдæр фынты дæ уынын!

Базард:
Уарзондзинад... Цы ма и уымæй рухсдæр?
Æхсæвы бон кæны йæ кой мæйрухс дæр.
Мæнимæ дæр мæ ирд бæллицты барын,
Æнæ дæу æнцой нæ арын... О, мæлын!

Ацы зарæг дæуæн æз лæвар кæнын,
Ды мæнæн дæ мæ цин, уарзын дæ, сæттын!
Ды мæнæн дæ мæ цард, мæ уарзондзинады арт
Тавы бонæй - æхсæвæй мæн...

Цыма кæддæр дæу ауыдтон мæ фыны,
Уæдæй нырмæ мæ зæрдæйы рæбыныл
Уыдтæ æдзух... ныр та Хуыцауæй курын
Æдзух куыд уай мæ цуры царды...

Дæ ном мæнæн мин нæмттæй у зынаргъдæр,
Дæ цæстæнгæс кæсы мæ фурдæй арфдæр,
Дæ мидбыл худт рæвдауы мын мæ зæрдæ,
Цыма уæларвон зæд дæ, уыйау!

Базард. (2 хатты)

Послушать/Cкачать эту песню
Mp3 320kbps на стороннем сайте
А как ты думаешь, о чем песня "Бауадз æдзух дæ зард æмæ мæ зæрдæ" ?
2010-2020 © WebKind.Ru Тексты песен