название:
автор:
Уарзты цин (муз. Бэла Золоева)
автор:
Zarina Maliti
рейтинг: ★★★★★ / 5.4 / 1442 просмотра
- Текст
- Открытка с текстом
Уарзты цин Цæй диссаг дæ, цæ, уарзондзинад, уастæн, Мæ рухс бæллицты ахсджиаг бындур, Æнхъæлмæ дæм æз цал азы фæкастæн, Æмæ мыл мæнæ ракастис мæ хур. Цæргæсы базыртыл стахтæн æз уæлæрвтæм, Фыр цинæй риуы нал цæуы мæ зæрдæ, Мæ алыфæрсты зилдух кæнынц мæргътæ, Зæрин тæмæнтæ ленк кæнынц мæ сæрмæ. Мæ зынаргъ, цæй, стæх ды дæр мæ цурмæ, Æрзилæм иумæ арвы цъæх кæрæтты, Кæрæдзийæн нæ мондæгтæ фæдзурæм, Нæ сонт зæрдæтæ фидар иумæ сбæттæм. Нæ уарзты мæсыг самайæм æмзондæй, Скæнæм дзы æвдисæндар æнустæм, Цæмæй йыл зæдтæ аудой бæрзондæй, Цæмæй йæ зæлтæ узæлой сæ хъустыл. О, ме Скæнæг, дæуæй дæн бузныг абон, Мæ циндзинад дæ лæвар у мæнæн, Цæсты гагуыйау хъахъхъæндзынæн м ’амонд, Мæ уд нывондæн дардзынæн дæуæн. Джериаты Земæйы ныхæстæ.
А как ты думаешь, о чем песня "Уарзты цин (муз. Бэла Золоева)" ?