название:
автор:
Мæ сагъæс
автор:
Альбина Царикати
рейтинг: ★★★★★ / 5 / 1007 просмотров
- Текст
- Открытка с текстом
Еунæг дæу цæсгон инун, Кумæ цæун - нæ зонун. Зæрди фæндуй дæу фæййинун, Æз нæ зонун, ци кæнун. Мæ фуни дæ ку инон, Уæд рæсугъд кæнуй мæ бон. Адгин дзурдтæ мин кæнис, Дæ цæститæй мæ содзис. Базард: Ду - мæ сагъæс, ду - мæ рист, Ду мæ сагъæсти цæрис. Уазали мæ гъар кæнис, Талинги мин рохс дæттис. Хор кæсуй - уазал кæнун, Æнæ дæуæй нæ цæрун. Тæвдæ бони ду - мæ дон, Ду - мæ зæрдæ, мæ уарзон. Еунæг дæу цæсгон инун, Кумæ цæун - нæ зонун. Зæрди фæндуй дæу фæййинун, Æз нæ зонун, ци кæнун. Базард: Ду - мæ сагъæс, ду - мæ рист, Ду мæ сагъæсти цæрис. Уазали мæ гъар кæнис, Талинги мин рохс дæттис. Суолæфун, дæу ку фæййинун, Дæу мæтгин дзурдтæ хезун. "Уарзун" дæуæн нæ зæгъун, Дæу билтæй дзурд хезун. Хор кæсуй - уазал кæнун, Æнæ дæуæй нæ цæрун. Тæвдæ бони ду - мæ дон, Ду - мæ зæрдæ, мæ уарзон. Базард. Ду - мæ сагъæс, ду - мæ рист, Ду мæ сагъæсти цæрис. Уазали мæ гъар кæнис, Талинги мин рохс дæттис. Ду - мæ сагъæс, ду - мæ рист, Ду мæ сагъæсти цæрис.
А как ты думаешь, о чем песня "Мæ сагъæс" ?