ГлавнаяИсполнителиМа уарзон фыд
название:

Ма уарзон фыд


автор:


рейтинг: ★★★★★ / 5.2 / 1230 просмотров
Мæ уæздан фыд, æз дæн мæ цардæй разы,
Дæ амондæй мæ сбуц кодта Хуыцау,
Æмæ дæ, цыма, дун-дуне дæр уарзы
Дæ зарæггæнæг, де 'рвхуызцæст чызгау.

Æз дæ уыдтон, цæвæгæй хос куыд карстай,
Куыд ластай хъæдæй дзаг суджы уæрдон.
Уæддæр-иу мæ дæ фæллад къухты хастай,
Уæддæр-иу хур дæ цæстыты уыдтон.

Базард:
     Мæ кадджын фыд, ды бинонты мæсыг дæ,
     Дæ ном дзуры мæ фæндыры хъæлæс.
     Дæуимæ æз ирон зæххыл хъæздыг дæн.
     Нæ ирон зæххыл базырджын дæн æз.

Изæрыгон къæсæрыл-иу куы рбадтæ,
Сыгъзæрин мæй йæ дзаг цæстæй куы каст,
Уæд-иу дын мах дæ зæрдæйы уаг хатгæ,
Нæ гыццыл кæрты ацарæзтам хъазт.

Фæндырдзагъдмæ къахфындзтæ-иу куы ’рсагътай,
Æндæр цин ма дæ цотæй уæд кæй хъуыд,
Уæд-иу ды та дæ мидбылхудгæ загътай:
"Чызджытæ, охх, мæ фæллад ныр ыссыд".

Базард.

Мæ мад цыма, æнцад цæугæдон, афтæ,
Мæ зынаргъ фыд та — урс хохы хуызæн.
Уæ дыууæйæн дæр арфæ кæнын, арфæ.
Зæрдæйы фарнæй срæсугъд кодтат мæн.

Базард.

Послушать/Cкачать эту песню
Mp3 320kbps на стороннем сайте
А как ты думаешь, о чем песня "Ма уарзон фыд" ?
2010-2020 © WebKind.Ru Тексты песен