ГлавнаяИсполнителиХахты ЗалтаНЫЙЙАРÆГÆЙ АМОНД
TOP песен исполнителя
"Хахты Залта"
    название:

    НЫЙЙАРÆГÆЙ АМОНД


    автор:

    Хахты залта


    рейтинг: ★★★★★ / 5.5 / 1529 просмотров
    Нæ базыдтон никуы циу мады рæвдыд
    Мæ сабидуг сидзæр, æвæгæсæг уыд.
    Сæууон хур цъæх арвæй мæн тавта йæ хъармæй
    Æмæ мæм уый кастис мæ мады рæвдыд.
    
    Фæзынди мæм фыны уæд иу хатт мæ мад,
    Æнкъард уыд йæ хъуыды, фæкодта мæм загъд.
    Дæхи, дам, цы марыс, дæ цæссыг цы згъалыс,
    Хæцыд мæм рæвдаугæ мæ сызгъæрин мад.
    
    Ныййарджыты фæдыл æнкъардæй кæсын, 
    Мæ риуæн йæ арфы мæ сагъæс хæссын.
    Нæ бафсæстæн хурæй, зæрдæрыст, сæркъулæй
    Ныййарджыты фæдыл æнкъардæй кæсын.
    
    Цымæ дзы кæцы у мæ мады æнгас,
    Цымæ дзы кæмæн ис мæ мады хъæлæс?
    Йæ бахудт, йæ кастæй, йæ цин æмæ уарзтæй
    Цымæ дзы кæцы у мæ мады æнгас?
    
    Ныййарæгæй амонд... Цæй диссаг у, цæй!
    Уый æрдзы хæрзтимæ нæ кæны хæццæ.
    Æмæ йæ буц дарут, ныййарæгæн барут.
    Ныййарæгæй амонд... Цæй диссаг у, цæй!

    Послушать/Cкачать эту песню
    Mp3 320kbps на стороннем сайте
    Это интересно: „Хæхты зæлтæ“
    А как ты думаешь, о чем песня "НЫЙЙАРÆГÆЙ АМОНД" ?
    2010-2020 © WebKind.Ru Тексты песен