ГлавнаяИсполнителиМарина ХутуговаКацай йа зоныс (сл. и муз. нар.)
название:

Кацай йа зоныс (сл. и муз. нар.)


автор:

Марина Хутугова


рейтинг: ★★★★★ / 5.1 / 1117 просмотров
Кæцæй æй зоныс, бирæ дæ уарзын?
Цæмæй йæ зоныс, ды дæ мæ уарзон? 
Ды уый нæ зоныс, кæй дæ мæ дуне, гъæй
Куы мыл фембæлыс, куыд нæ йæ 'мбарыс, 
Цæмæн æркæсын мæ къæхты бынмæ?
Дæ цæстытæм кæсын кæй нал у мæ бон, гъæй 

Куыд нæ йæ 'мбарыс мæ цæстæнгасæй 
Куыд нæ йæ 'мбарыс мæ зæрдæйы уарзтæй 
Ӕнæ дæу цæрын кæй нал фæразын, гъæй 
Ракæс-ма, лæппу, дæ алыфарсмæ, 
Мыййаг мæ феныс чызджыты астæу... 
Мæ сау цæстытæ, мæ даргъ дзыккутæ, гъæй 

Зæрдæ фыруарзтæй фæйнæрдæм скъуыны
Ӕдзухдæр мемæ вæййыс мæ фыны 
Куыд нæ йæ 'мбарыс мæ зæрдæйы фæндон, гъæй
Кæцæй æй зоныс, бирæ дæ уарзын? 
Цæмæй йæ зоныс, ды дæ мæ уарзон? 
Ды уый нæ зоныс, кæй дæ мæ дуне, гъæй

Послушать/Cкачать эту песню
Mp3 320kbps на стороннем сайте
А как ты думаешь, о чем песня "Кацай йа зоныс (сл. и муз. нар.)" ?
2010-2020 © WebKind.Ru Тексты песен