название:
автор:
«Зæрдæйы дидинæг» («Дзерассæ...»). Цæгæраты Гигойы ныхæстæ
автор:
Медойты Светланæ
рейтинг: ★★★★★ / 5 / 1029 просмотров
- Текст
- Открытка с текстом
ЗӔРДӔЙЫ ДИДИНӔГ Дзерассӕ... О мӕ чызг Дзерассӕ, Мӕ тугдадзин дӕ, ды мӕ бӕлон дӕ. Ысты дын ме ’нгуылдзтӕ сӕрвасӕн, Ды дӕттыс мӕ удӕн цӕрӕнбонтӕ, Мӕ тых ӕмӕ мӕ ныфсдæттӕг — Дзерассӕ. Мӕ зын ӕмӕ мӕ рыстсӕттӕг — Дзерассӕ. Мӕ хорз фӕндтӕн сӕ фидиуӕг, Мӕ зӕрдӕйӕн йӕ дидинӕг. Дзерассӕ... О мӕ чызг Дзерассӕ, Фӕнды мӕ, фарнимӕ куыд рӕзай. Куыд тавай дунейы дӕ кастӕй, Нӕ зӕххӕн амӕндтӕ куыд хӕссай. Дзерассӕ... О мӕ чызг Дзерассӕ, Цӕуыс мӕ конд фӕндагыл абон. Мӕн халдих бакодтай ӕнгасӕй, Ӕмӕ йӕ ахӕссын дӕр базон. Дзерассӕ... О мӕ чызг Дзерассӕ, Фӕнды мӕ, зарджытӕ куыд уарай. Дӕ рухс ӕмӕ æхсидгӕ уарзтӕй Цырӕгътӕ адӕмӕн куыд дарай.
А как ты думаешь, о чем песня "«Зæрдæйы дидинæг» («Дзерассæ...»). Цæгæраты Гигойы ныхæстæ" ?