ГлавнаяИсполнителиНодар ГуцатыУАРЗОНЫ ЗАРÆГ (Цæгæраты Гигойы ныхæстæ)
название:

УАРЗОНЫ ЗАРÆГ (Цæгæраты Гигойы ныхæстæ)


автор:

Нодар Гуцаты


рейтинг: ★★★★★ / 4.7 / 673 просмотра
Дымгæ, дæ базыртыл ахæсс 
Хæхтæм мæ зарæджы зæлтæ. 
Чызгай, мæ цæстытæм бакæс,- 
Фенай, куыд дыл у мæ зæрдæ. 

Ничи мæ хъæуы дæ цуры, 
Демæ мæ фыны дæр дзурын. 
Судзынц мын, судзынц мæ зæрдæ 
Уарзондзинады цæхæртæ. 

Де ’нгас, дæ сагъæс æмбарын, 
У мын ныфсы хос дæ сурæт. 
Д’ алы къахдзæф дæр дын барын, 
Ды дæ мæ зынтæн сæ сурæг. 

Ничи мæ хъæуы дæ цуры, 
Демæ мæ фыны дæр дзурын. 
Судзынц мын, судзынц мæ зæрдæ 
Уарзондзинады цæхæртæ. 

Бакæсын дæр дæм нæ уæндын, 
Зæрдæ фыруарзтæй дæр тоны, 
Фæлæ дыл м’ амонд æууæндын, 
Батавдзынæ йæ уый зонын. 

Ничи мæ хъæуы дæ цуры, 
Демæ мæ фыны дæр дзурын. 
Судзынц мын, судзынц мæ зæрдæ 
Уарзондзинады цæхæртæ. 

Мадзура куы уон дæ разы, 
Иуварс дæ ме ’нгас куы здахон. 
Ма-иу мæм æрхæсс уæд азым, 
Ды мæн æнæрвæссон ма хон. 

Ничи мæ хъæуы дæ цуры 
Демæ мæ фыны дзурын. 
Судзынц мын, судзынц мæ зæрдæ 
Уарзондзинады цæхæртæ.

Послушать/Cкачать эту песню
Mp3 320kbps на стороннем сайте
А как ты думаешь, о чем песня "УАРЗОНЫ ЗАРÆГ (Цæгæраты Гигойы ныхæстæ)" ?
2010-2020 © WebKind.Ru Тексты песен