ГлавнаяИсполнителиСуанты ФедырАвд азы уарзон (Мыртазты Барисы ныхæстæ)
название:

Авд азы уарзон (Мыртазты Барисы ныхæстæ)


автор:

Суанты Федыр


рейтинг: ★★★★★ / 4.9 / 931 просмотр
АВД АЗЫ УАРЗОН
(Мыртазты Барисы ныхæстæ)
Авд азы уарзон кæмæн нæ уыди,
Уый нæ бамбардзæн мæнæн мæ сагъæс.
Мæ зæрдæ та дæм нæ фæлæууыди...
Уæ дуарæй ма мæм стъалыйау ракæс.

Дзæбæх дын фенон дæ фæлмæн бахудт,
Дæ урс дæллагхъуыр, дæ хæрзаив гуыр,
Уæдæ æнæ дæу бон дæр цы даргъ у!
Цæмæн у демæ бон афтæ цыбыр?

Иухатт мын хъазты фæндон куы радтай,
Нæ хæлæрттæ мæ тæхудиаг хонынц,
Дзурынц: «Æгайтма амонд ыссардтай».
Нæ хистæртæ та чындзæхсæв домынц...

Авд азы уарзон кæмæн нæ уыди,
Уый нæ бамбардзæн мæнæн мæ сагъæс.
Мæ зæрдæ та дæм нæ фæлæууыди...
Уæ дуарæй ма мæм стъалыйау ракæс.
(1953 аз)

Послушать/Cкачать эту песню
Mp3 320kbps на стороннем сайте
А как ты думаешь, о чем песня "Авд азы уарзон (Мыртазты Барисы ныхæстæ)" ?
2010-2020 © WebKind.Ru Тексты песен