ГлавнаяИсполнителиСухраб Будайчиты и Альбина СекинаеваЗардайы дагъал
название:

Зардайы дагъал


автор:

Сухраб Будайчиты и Альбина Секинаева


рейтинг: ★★★★★ / 5.6 / 1568 просмотров
Мæ хори тунæ, мæ цини фæлдес,
Мæ зæрди хунæ, мæ уоди æмбес.
Ме 'хсæвон мæйæ, мæ ирд æстъалу,
Мæ бони радæ, мæ цæсти гагу.

Ма мин фæккæнæ мæ уарзт фудæнгъæл,
Фæлтау мин раттæ дæ зæрди дæгъæл.

Мæ ходгæ фæрдуг, мæ царди бæлон,
Мæ къæлæтæрфуг, ци ма дин зæгъон.
Уарзондæр мин дæ мæ уод, мæ цæстæй,
Зæгъун дин æргон, æнæ римæхстæй.

Ма мин фæккæнæ мæ уарзт фудæнгъæл,
Фæлтау мин раттæ дæ зæрди дæгъæл.

Нæ зонис ду уой, æз дæ куд уарзун,
Мæ зæрди дуар дин игон ку дарун.
Ци арæх бæллун нæ цини зармæ,
Амонд, ку 'рлæуун дæ зæрди дуармæ.

Ма мин фæккæнæ мæ уарзт фудæнгъæл,
Фæлтау мин раттæ дæ зæрди дæгъæл.

Гъай, æма уодзæй кæдзос уарзт не 'хсæн,
Æз æма ду ан уомæн æвдесæн.
Ме 'хсæвон мæйæ, мæ ирд æстъалу,
Мæ бони радæ, мæ цæсти гагу.

☺Ма мин фæккæнæ мæ уарзт фудæнгъæл,
Фæлтау мин раттæ дæ зæрди дæгъæл.☺ (2 хатти)

☺Раттæ мин дæ зæрди дæгъæл.☺ (2 хатты)

Послушать/Cкачать эту песню
Mp3 320kbps на стороннем сайте
А как ты думаешь, о чем песня "Зардайы дагъал" ?
2010-2020 © WebKind.Ru Тексты песен