ГлавнаяИсполнителиНеизвестенМæ зынаргъ, мæ уарзон дæуыл у мæ зарæг
название:

Мæ зынаргъ, мæ уарзон дæуыл у мæ зарæг


автор:

Неизвестен


рейтинг: ★★★★★ / 5.6 / 1564 просмотра
Мæ зынаргъ, мæ уарзон дæуыл у мæ зарæг,
Тæхуды дæуимæ цæрынæй бафсæд,
*Кæнын дын æз стыр аргъ, кæнын дын сом,
Дæуæй мын зынаргъ дæр кæй нæу мæ цард дæр. (2 хатты)

Дæ размæ цæугæйæ уæлæрвты фæтæхын,
Куы нæ дæ фуынын цæргæ дæр нæ кæнын,
*Дæ худгæ цæстыты æз хуртæ фæуынын,
Дæ аив ныхæсты æз зарæг фæхъусын. (2 хатты)

Дæ уындæй, дæ кондæй куыд хъал дæн, куыд райын,
Мæ цардæй дæу ...
*Мæ уды урс бæллон, дæуæн æз куы цæрын,
Мæ зарджыты хуыздæр дæ номыл куы кæнын. (2 хатты)

Цæй тахд дæр, тахд дæр, мæ рухс хур ракæс,
Дæ уарзондзинадæй фæсур мын мæ сагъæс.
*Кæнын дын æз стыр аргъ, кæнын дын сом,
Дæуæй мын зынаргъ дæр кæй нæу мæ цард дæр. (2 хатты)

Послушать/Cкачать эту песню
Mp3 320kbps на стороннем сайте
А как ты думаешь, о чем песня "Мæ зынаргъ, мæ уарзон дæуыл у мæ зарæг" ?
2010-2020 © WebKind.Ru Тексты песен