ГлавнаяИсполнителиВладимир БаллаевЛæууы ма мæ зæрдыл
название:

Лæууы ма мæ зæрдыл


автор:

Владимир Баллаев


рейтинг: ★★★★★ / 4.7 / 680 просмотров
Лæууы ма зæрдыл рæсугъд фынау раст 
Дæ сау дыууæ цæстæн сæ уарзон æнгас.
Цы фæдæ, цы фæдæ, мæ уалдзыгон хур,
Æнæ дæу мæ риуы мæ зæрдæ ныддур.

Кæдæм мын фæлыгъдтæ, мæ уарзон тæргай,
Кæй лæппу дæ хоны йæхицæн ныр къай.
Дæ мидбылды бахудт, дæ иунæг фæкаст
Æмгæрон мæ риумæ куынæ уагътай маст.

Уый раджы, уыд раджы, фæлæ ма уæддæр
Æз уыцы изæрты фæмысын ныр дæр.
Нæзы хъæды бæластæ бæрзонд арвыл мæй, 
Нæ уарзон ныхæстæ рох не сты мæнæй.

Лæууы ма зæрдыл рæсугъд фынау раст 
Дæ сау дыууæ цæстæн сæ уарзон æнгас.
Цы фæдæ, цы фæдæ, мæ уалдзыгон хур,
Æнæ дæу мæ риуы мæ зæрдæ ныддур.

«Музыкальная культура осетин» © 2012 [bad word] ossmus
¯¯\/¯¯¯¯¯¯¯¯¯
☻/
/▌
/ \

Послушать/Cкачать эту песню
Mp3 320kbps на стороннем сайте
А как ты думаешь, о чем песня "Лæууы ма мæ зæрдыл" ?
2010-2020 © WebKind.Ru Тексты песен