ГлавнаяИсполнителиВладимир БаллаевСау цæстытæ
название:

Сау цæстытæ


автор:

Владимир Баллаев


рейтинг: ★★★★★ / 4.9 / 918 просмотров
Æз уарзтон сау цæстытæ, уарзтон,
Рæсугъддæр уыдонæй кæм уыд?!
Æхсæв сæ стъалытимæ барстон,
{Уыдтæн сæ алы бон рæвдыд.} x2

Фæлæ мæ иунæгæй ныууагътой,
Мæнæй фæлыгъдысты тæргай,
Æмæ мын афтæ дæр нæ загътой:
{«Хæрзæбон! Хорз амонд дæ хай!»} x2

Æмæ кæд уыдонæй фæцух дæн,
Æмæ кæд ферох кодтой мæн,
Уæддæр сæ райдзаст хуыз рæсугъдæй
{Мæ зæрды баззади мæнæн.} x2

Тæхуды, абон та кæй тавынц
Сæ хъармæй рухс хурау фæлмæн,
Тæхуды, афтæ тынг кæй уарзынц,
{Куыд уарзтой а уалдзæджы мæн!..} x2

Слова Мухарбега Кочисова

«Музыкальная культура осетин» © 2012 [bad word] ossmus
¯¯\/¯¯¯¯¯¯¯¯¯
☻/
/▌
/ \

Послушать/Cкачать эту песню
Mp3 320kbps на стороннем сайте
А как ты думаешь, о чем песня "Сау цæстытæ" ?
2010-2020 © WebKind.Ru Тексты песен