ГлавнаяИсполнителиВалерий СокуровÆргуыбыр кодтон къæцæлмæ
название:

Æргуыбыр кодтон къæцæлмæ


автор:

Валерий Сокуров


рейтинг: ★★★★★ / 4.7 / 715 просмотров
Æргуыбыр кодтон къæцæлмæ,
Æмæ мын разынд æлвисæн.
{Ма мын кæс, чызгай, мæ сæрмæ,
Мæ карæн нæу уый, æвдисæн.} x2

Сыхаг ус йæхи фæмары,
Зыгуымы фесæфт йæ судзин.
{Чи загъта æмæ мæ кары
Зæрдæйы цырагъ нæ судзы.} x2

Æхсæвæй, бонæй мæ зæрдæ
Дæумæ бæлгæйæ куы риссы.
{Тæхуды æмæ ды кæй дæ,
Уымæн йæ амонд йæ диссаг.} x2

Дон-дон дæр бирæ фæцыдтæн,
Донæн йæ рæсугъд не ссардтон.
{Усгур дæр бирæ фæцыдтæн,
Дæуæй рæсугъддæр не ссардтон.} x2

Сæрдыгон кæрдæг фасæг у,
Æрыгон зæрдæ уарзæг у.
{Уарзын дæ æмæ уарздзынæн,
Æмæ дын алкæд зæгъдзынæн.} x2

Æргуыбыр кодтон къæцæлмæ,
Æмæ мын разынд æлвисæн.
{Ма мын кæс, чызгай, мæ сæрмæ,
Мæ карæн нæу уый, æвдисæн.} x2

Слова народные, музыка Булата Газданова

«Музыкальная культура осетин» © 2012 [bad word] ossmus
¯¯\/¯¯¯¯¯¯¯¯¯
☻/
/▌
/ \

Послушать/Cкачать эту песню
Mp3 320kbps на стороннем сайте
А как ты думаешь, о чем песня "Æргуыбыр кодтон къæцæлмæ" ?
2010-2020 © WebKind.Ru Тексты песен