ГлавнаяИсполнителиГр. «Хурзæрин» (сол. Шота Багаев)Къуайсайы зарæг
название:

Къуайсайы зарæг


автор:

Гр. «Хурзæрин» (сол. Шота Багаев)


рейтинг: ★★★★★ / 5 / 1023 просмотра
Райсомæй сæуæхсид худгæйæ скаст,
Хуры тын сæрттывтæ урс хæхты сæр – 
Уый та нын рæвдауы нæхи Къуайсайы,
Джоджора комы нын кæны сæр-сæр.

Базард:
Комы нарæг, номы зарæг
Уæларвмæ систа, ей.
Ой уæрæйдæ, хæхты зæрдæ – 
Нæ уарзон Къуайса, ей.

☺ Махæн Къуайса бæрзонд у,
Махæн Къуайса рæсугъд у,
Махæн Къуайса бæркад у,
Махæн Къуайса нæ кад у. ☺ (2 хатты)

Стыр хæхтæн сæ риутыл хæзнатæ вæрд,
Къуайса-хох фестад сызгъæрины къæрт,
Шахтерты фæллой – йæ алыварс нæ фидæн,
Райгуырæн бастæйы æмзæрди сыстæм.

Базард.

Райсомæй сæуæхсид худгæйæ скаст,
Хуры тын сæрттывтæ урс хæхты сæр –
Уый та нын рæвдауы нæхи Къуайсайы,
Джоджора комы нын кæны сæр-сæр.

Послушать/Cкачать эту песню
Mp3 320kbps на стороннем сайте
А как ты думаешь, о чем песня "Къуайсайы зарæг" ?
2010-2020 © WebKind.Ru Тексты песен