ГлавнаяИсполнителиНана ШаталоваКурю о тебе
название:

Курю о тебе


автор:

Нана Шаталова


рейтинг: ★★★★★ / 4.8 / 784 просмотра
Хуры тын фыруарзтæй нал быхсы,
Бæласы къалиуыл атыхсы.
Æхсæрдзæн сæмбæлди суадоныл,
Йæ зæрдæ фыруарзтæй ратоны.

Базард:
О нана,
Фесæфти мæ фын,
{Горæтмæ рæсугъд чызгайы
Курынмæ цæуын.} x2

Мыдыбындз дидинмæ базары,
Уый дæр æм йæ хъæбыс бадары.
Иу айнæг иннæмæ бадзуры,
Рог дымгæ йæ къайы агуры.

Базард.

Æдзух дæм фæкæнын тæхуды,
Зæрдæйы куыд тавы дæ худын,
Мæйау мын дæ цæсгом – цырагъдар,
Дæуæй мын ницы ис зынаргъдæр.

Послушать/Cкачать эту песню
Mp3 320kbps на стороннем сайте
А как ты думаешь, о чем песня "Курю о тебе" ?
2010-2020 © WebKind.Ru Тексты песен