ГлавнаяИсполнителиЗарина Джиджоева"Мӕ амонд"
название:

"Мӕ амонд"


автор:

Зарина Джиджоева


рейтинг: ★★★★★ / 5.4 / 1364 просмотра
Калы та цӕхӕртӕ зӕрдӕ, цард та мӕм йӕ мидбыл худы,
Касттӕн амондмӕ ӕнхъӕлмӕ, ныр ӕрцардта ды мӕ уды.
Дидин калынма фӕрӕвдз ис, ныр мӕ цард - уалдзӕг мӕнӕн,
Зӕрдӕ уарзонмӕ фӕфӕдис, калы уарзтӕй рухс тӕмӕн.

Пр: 
Мӕ амонд - ӕз ӕрмӕст дӕу хонын, ничи мӕ хъӕуы ӕндӕр,
Зӕрдӕ фыр уарзтӕй фӕтоны, бонӕй бон кӕны фылдӕр.

Ӕз ӕнӕ дӕуӕй куыд цардтӕн, не 'мбарын уый абон дӕр,
Нӕй кӕрон мӕ сыгъдӕг уарзтӕн, ды йӕ хос мӕ амондӕн.
Къухыл хӕцгӕйӕ цӕудзыстӕм иумӕ мах нӕ фидӕнмӕ,
Уарзгӕ уарзгӕйӕ цӕрдзыстӕм, уарзт - мысайнаг амондӕн

Пр:
Мӕ амонд - ӕз ӕрмӕст дӕу хонын, ничи мӕ хъӕуы ӕндӕр,
Зӕрдӕ фыр уарзтӕй фӕтоны, бонӕй бон кӕны фылдӕр.

Калы та цӕхӕртӕ зӕрдӕ, цард та мӕм йӕ мидбыл худы,
Касттӕн амондмӕ ӕнхъӕлмӕ, ныр ӕрцардта ды мӕ уды.
Амонд дӕ цӕстыты федтон, ссардтон ӕй дӕ бахудты,
Дӕу, мӕ хур, ӕз арф нывӕрдтон, зон ӕй, зон, мӕ рухс уды.

Пр:
Мӕ амонд - ӕз ӕрмӕст дӕу хонын, ничи мӕ хъӕуы ӕндӕр,
Зӕрдӕ фыр уарзтӕй фӕтоны, бонӕй бон кӕны фылдӕр.

Послушать/Cкачать эту песню
Mp3 320kbps на стороннем сайте
А как ты думаешь, о чем песня ""Мӕ амонд"" ?
2010-2020 © WebKind.Ru Тексты песен