ГлавнаяИсполнителиХуссар аемае Цаегат ИРЫСТОНКоцты Бегайы зараег
название:

Коцты Бегайы зараег


автор:

Хуссар аемае Цаегат ИРЫСТОН


рейтинг: ★★★★★ / 4.6 / 633 просмотра
«Коцты Бегайы зарæг»

Чеселты комæй нын
Тохы хъæр райхъуысти:
Колайы хъæумæ
Æзнаг фæбырсы.

Бега нын бадзуры
Чеселты фæсивæдмæ:
«Нæ Иры лæппутæ,
Рацæут тохмæ!»

Тохмæ куы бабырсынц
Иры хъæбатыртæ,
Знæгты фæтæрæм
Нæ фыдыбæстæй.

Колайы мæсыгæй
Судзгæйæ тахтысты,
Æзнаджы æфсадыл
Бегайы нæмгуытæ.

Колайы мæсыг нын
Судзын куы райдыдта,
Бега ’ргæпп кæны
Бæрзонд мæсыгæй.

Тæппуд ызнæгтæм
Хъылма куы батæры,
Цалдæр булкъоны дзы
Мæрдтæм куы барвиты.

Коцы мыггагæн ды
Кады ном сарæзтай,
Ирыстоны кад
Бæрзондмæ систай.

♫Бега нын нæ амард –
Йæ рухс ном цæрдзæни,
Йæ зарæг нæрдзæни
Хуссарæй цæгатмæ!♫  (2 хатты)

Послушать/Cкачать эту песню
Mp3 320kbps на стороннем сайте
А как ты думаешь, о чем песня "Коцты Бегайы зараег" ?
2010-2020 © WebKind.Ru Тексты песен