ГлавнаяИсполнителиКъадзаты СтаниславФЫЦЦАГ УАРЗТ
название:

ФЫЦЦАГ УАРЗТ


автор:

Къадзаты Станислав


рейтинг: ★★★★★ / 4.7 / 655 просмотров
АМОНДЫ ДЫРГЪДОН   
Зарæджы текст:

Цъæх хъуссæджытæ сусхъæдыл —
Æнæхъæн хъæуы фаг!
Æз та дын радтон сусæгæй
Цыппар балы, æвдадз.

Базард:
       Дыууæ æмæ дыууæ балы —
       Хуыздæр кæм уыд лæвар!
       Куы сæ райстай тæмæн калгæ,
       Уæд байгом арвы дуар.

Дæ хъустыл, ехх, куыд фидыдтой —
О, уалдзæджы, цъæх чызг!
Дæ сау цæстыты цин-зынгæй
Мæ уд дæр уыд æртхуыз.

Базард.

Нæ фембæлды цъæх ыстъалы
Мæнмæ уæд арвæй худт.
Дыууæ æмæ дыууæ балы —
Дæ былтау сырх, рæсугъд.

Рацагъд.

Мæ фыццаг лæвар ахæм уыд —
Фыццаг уарзтау æрвон,
Ныр дæр ма уыдон хъахъхъæнынц
Нæ амонды дыргъдон.

       Дыууæ æмæ дыууæ балы —
       Нæ сæм æрхастай фау.
       Мæ сусæг рис æрбатар и,
       Куы бахудтай зæдау.

Базард.

Послушать/Cкачать эту песню
Mp3 320kbps на стороннем сайте
А как ты думаешь, о чем песня "ФЫЦЦАГ УАРЗТ" ?
2010-2020 © WebKind.Ru Тексты песен