ГлавнаяИсполнителиДзахойты ЗæлинæУды уарзын фæнды
название:

Уды уарзын фæнды


автор:

Дзахойты Зæлинæ


рейтинг: ★★★★★ / 4.6 / 615 просмотров
УДЫ УАРЗЫН ФÆНДЫ
(Зары Дзахойты Зæлинæ)

Уарзты цинæй мæ уд
Сусæг артæй куы сыгъд,
Уæд мæ хъуыд
Уды хосæн дæ дзырд
Æмæ ноджы дæ мидбылты худт...

Уæд дæ фæлмæн æнгас,
Уæд дæ уæздан ныхас
Давтой хурзæрин хурау мæ уд.
Уарзты рухсбазыр зæд
Ради мах уындæй уæд.
Уый нæ уарзты хæрзæмбæлæг уыд.

Уарзон уарзонмæ цыд,
Сусæг уарзты фæрцы уæд мæ уд
Цагъта цины фæндыр:
«Мæн дæ уарзын, дæ уарзын фæнды».
Уæд дæ арфæйы дзырд.
Мæнмæ хатæг фæзынд
Йемæ ноджы дæ бахуд фæлмæн
О, куыд тынг фæндыд мæн
Уарзты цины кæлæн
Ронгау дарын буцæн дæуæн.

Зæд нæ хæдсæрмæ тахт,
Зæд рæвдыдта уæд мах,
Зæд нæ амонды хъахъхъæнæг уыд.
Æз нæ зыдтон цы 'рцыд.
Дуне афтæ рухс уыд
Æмæ зарыд фырцинæй мæ уд.
Уд дзæнгæрæг цæгъды,

Уды уарзын фæнды:
«О, цы фæдæ, цы фæдæ уæд ды».

Зæд нæ хæдсæрмæ тахт,
Зæд рæвдыдта уæд мах.
Зæд нæ амонды хъахъхъæнæг уыд.
Æз нæ зыдтон цы 'рцыд.

Дуне афтæ рухс уыд,
Æмæ зарыд фырцинæй мæ уд.
Уд дзæнгæрæг цæгъды,
Уды уарзын фæнды:
«О, цы фæдæ, цы фæдæ уæд ды».

Æз нæ зыдтон цы 'рцыд.
Дуне афтæ рухс уыд
Æмæ зарыд фырцинæй мæ уд.

Уд дзæнгæрæг цæгъды,
Уды уарзын фæнды
О, цы фæдæ, цы фæдæ уæд ды.

Послушать/Cкачать эту песню
Mp3 320kbps на стороннем сайте
А как ты думаешь, о чем песня "Уды уарзын фæнды" ?
2010-2020 © WebKind.Ru Тексты песен