ГлавнаяИсполнителиФсатиЗадты чындзахсав
название:

Задты чындзахсав


автор:

Фсати


рейтинг: ★★★★★ / 4.6 / 590 просмотров
'Фсатийы буц чызг Бæдзинæ,
Уымæй рæсугъддæр кæм уыд.
☺Иу бон йæм йе 'мсæр зæдтимæ
Уастырджи курæг фæзынд.☺ (2 хатты)

Барджыты цин æмæ дугъæй
 Кæрдæг æмризæджы рызт,
☺Уастырджи урсбарц æфсургъæй
'Фсатийы дуармæ æрхызт.☺ (2 хатты)

Мадыдзуар хурварс кæм бадти,
Зæдтæ уым сарæзтой хъазт.
☺Уазджытæм зæронд Æфсати
 Мидбылты худгæйæ каст.☺ (2 хатты)

Разгæмтты рацыд Бæдзинæ,
Диссаг йæ бакаст, йæ конд.
☺Зæдтæ сæ ног чындзы цинæй
 Систой сæ зарæг бæрзонд.☺ (2 хатты)

Циндзинад зарæгæй кадджын,
Йе 'гъдауæй намысджын лæг.
☺Елиа - чындзы æмдзуарджын,
Уацилла - къухылхæцæг.☺ (2 хатты)

 (Симынц нæртон симдæй, зæдтæ,
Цуайнæгты нард фыд нæрсы.
Рог дымгæ арвы бæрзæндтæм
 Фæндыры зæлтæ хæссы.)☺

Бон æмæ æхсæвы арæн
 Мæйæ фæлмæн рухс кæлы.
☺Зруджы зæрин Мады Майрæм
 Зæдты фæндараст кæны.☺ (2 хатты)

Уыцы бон Иры цы 'гъдау уыд,
Уый нæ чындзæхсæвты уæд.
☺Цард нæ йæ сыгъзæрин науыл
 Амонды фурдмæ хæссæд.☺ (2 хатты)

Уыцы рæсугъд боны хъармæй
 Зæхх цыма хъарм у ныр дæр.
☺Зæдтæ 'мæ дауджыты фарнæй,
Ирыстон, цæр æмæ цæр.☺ (2 хатты

Послушать/Cкачать эту песню
Mp3 320kbps на стороннем сайте
А как ты думаешь, о чем песня "Задты чындзахсав" ?
2010-2020 © WebKind.Ru Тексты песен