ГлавнаяИсполнителиЭ.КУСОВАМАРЗОЙТЫ ХЪАЗЫБЕДЖЫ ЗАРАГ.(дедуля)
название:

МАРЗОЙТЫ ХЪАЗЫБЕДЖЫ ЗАРАГ.(дедуля)


автор:

Э.КУСОВА


рейтинг: ★★★★★ / 5 / 973 просмотра
(Песня о Казбеке Марзоеве. Слова Ахсара Чеджемова, музыка Алибека Бериева)  
 
Цъаейдон йа базыртыл урс уылаен хаесгайае 
Арф комы бафаеллад, быдыры ныссабыр. 
Кады ном чи скодта йае Иры баестаейаен?- 
Маерзойты Хъазыбег – Фаеллоййы Хъаебатыр. 
 
Кировы фаерныг хъаеу – дае уарзон хъаеубаестае, 
Дае бирае лаеггаедтае ныр даер ма уым ысты. 
Фаернаейдзаг адаем дын ‘гъдаеуттае, дае хаерзтае 
Нае ферох каендзысты, на ферох каендзысты. 
 
Артахдзаст дидинаег – уалдзаеджы фидиуаег, 
Цаемаен ныджджих цымае сау заххы хъаебысы? 
Маерзойты Хъазыбег, каед уыцы дидинаег 
Дае къахваедыл аерзад, даеу мысы, даеу мысы. 
 
Афтае-иу куы дзырдтай дае мидбылты худгае: 
«Фезмалут, лаеппутае, бон махмае нае лаеууы, 
Заехх мады заердае у, заехх мад у, мае хуртае, 
Мады та буц каенын, буц дарын куы хъаеуы». 
 
Агъдауаей раесугъд у ирон цард, аембаелттае, 
Амонды рухс хур уаед дзаг цаестай фаекаесы. 
Маерзойты Хъазыбег, дае расугъд аегъдаеуттае 
Дае иунаег буц лаеппу кадимае куы хаессы.

Послушать/Cкачать эту песню
Mp3 320kbps на стороннем сайте
А как ты думаешь, о чем песня "МАРЗОЙТЫ ХЪАЗЫБЕДЖЫ ЗАРАГ.(дедуля)" ?
2010-2020 © WebKind.Ru Тексты песен