ГлавнаяИсполнителиДиана БестаеваÆнхъæлдтон æз
название:

Æнхъæлдтон æз


автор:

Диана Бестаева


рейтинг: ★★★★★ / 4.7 / 675 просмотров
Æнхъæлдтон æз, мæ амонд мæм фæхудт,
Æнхъæл уыдтæн, мæ хурты хур фæзынди
Мæ рухс цинæй уæлæрвтæм тахт мæ уд,
Фырцинæй арвыл хурты хур ныззылди.

Кæд уарзондзинад а зæххыл нæ уыд,
Кæд у миййаг æрра лæджы ныхъхъуыды.
Уæдæ фæдис цæмæн цагъдта мæ уд?
Уæдæ-иу дæ цæмæн уыдтон мæ фынты?

{Æнхъæлдтон æз, мæ амонд мæм фæхудт,
Æнхъæл уыдтæн, мæ хурты хур фæзынд,
Æнхъæлдтон æз, мæ амонд мæм фæхудт,
Æнхъæл уыдтæн, мæ хурты хур фæзынд,
Æнхъæл уыдтæн... уыдтæн...}

Фæлывд митыл æнцаид кæд нæ цард,
Уæлæрвтæ кæд нæ уыдысты зæдбадæн,
Мæ цæстытæн æрмынæг ис сæ арт,
Цæрынæн дæр, мæлынæн дæр куы нал дæн.

Мæнæй ма дæ уæлдай хорзæн цы хъуыд?
Дæ зæрдæйы æрæджиау цы фæнд уыд?
Æнæ мæн дæр уыдтæ кæд фаг рæвдыд,
Уæд ма мæн та цæмæн сайдтай дæ фæдыл?

{Æнхъæлдтон æз, мæ амонд мæм фæхудт,
Æнхъæл уыдтæн, мæ хурты хур фæзынд,
Æнхъæлдтон æз, мæ амонд мæм фæхудт,
Æнхъæл уыдтæн, мæ хурты хур фæзынд,
Æнхъæл уыдтæн... уыдтæн...}

Послушать/Cкачать эту песню
Mp3 320kbps на стороннем сайте
А как ты думаешь, о чем песня "Æнхъæлдтон æз" ?
2010-2020 © WebKind.Ru Тексты песен