название:
автор:
О, УЫЦЫ ДЫУУÆ САУ ЦÆСТЫ
автор:
Гаглойты Станислав
рейтинг: ★★★★★ / 5 / 1007 просмотров
- Текст
- Открытка с текстом
Ныхæстæ ныффыссæг – Дзугаты Георги Композитор – Æлборты Феликс Зары Гаглойты С. О, УЫЦЫ ДЫУУÆ САУ ЦÆСТЫ (ирон романс) О, уыцы дыууæ сау цæсты, Мæ тæригъæдæй бастъæлат! Цæмæн бахаудтæн у‘ ахæсты, Цæмæн базыдтон уарзты ад? Уæ иу фæкастæй атайын, Хуссары митау, хуссары. Бæргæ уæ рохыл архайын, Фæлæ уыйбæрц тых чи ссары! Мидбыл худгæ мыл атыхсут Хъызтзымæджы дæр, уалдзæгау. Зæрдæйы фатау аныхсут Æмæ фæвæййын уадзыгау. Мауал мæм кæсут, ма кæнут, Мауал мæ судзут алы бон! Уæд та мæ иу сыгъд бакæнут Æмæ уæ искуы фервæзон!
А как ты думаешь, о чем песня "О, УЫЦЫ ДЫУУÆ САУ ЦÆСТЫ" ?