ГлавнаяИсполнителиХурзæринСидзæргæс
название:

Сидзæргæс


автор:

Хурзæрин


рейтинг: ★★★★★ / 5.6 / 1628 просмотров
Халон баргъæвст сындзыл.
Уад тымыгъ хæссы…
Сау айнæджы рындзыл
Нарыхъæу хуыссы…

Даргъ æхсæв фыдбонæй
Цард-удæн хуыздæр…
Рухс цæуы кæронæй, —
Бадынц ма кæмдæр…

Ма дис кæ йæ бадтыл! —
Цуайнаджы уæлхъус
Архайы йæ артыл
Иу саударæг ус.

Артдзæсты кæрæтты,
Фæныкмæ æнгом
Бадынц сывæллæттæ, —
Чи бæгънæг, чи гом…

— Ма кæут, мæ хуртæ, —
Дзуры сæм сæ мад, —
Афыцой хъæдуртæ…
Абадут æнцад!..

Митæй дзаг æхсæлы
Мары фæздæгæй…
Цæстысыг ызгъæлы
Агмæ сусæгæй…

Хурхмæ схæццæ хъарæг:
"Дудгæ фæбада
Зæйы бын нæ дарæг,
Мах чи фæсайдта!..

Буц хъæбул дæм дзуры, —
Сфæлмæцыд йæ мад, —
Махæн дæр дæ цуры
Сцæттæ кæ бынат!"

Артдзæсты кæрæтты,
Фæныкмæ æнгом
Бадынц сывæллæттæ, —
Чи бæгънæг, чи гом…

— Ма кæут, мæ хуртæ, —
Дзуры сæм сæ мад, —
Афыцой хъæдуртæ…
Абадут æнцад!..

Бафæллад кæуынæй
Бинонты кæстæр, —
Къонайыл æрфынæй
Адæмы хуыздæр!

— О, гыцци, кæд уыдзæн?
Райс-ма, цæй, дæ аг!..
— Абадут!.. Фæуыдзæн
Алкæй дæр йæ фаг…

Аг кæлы йæ былтæй, —
"Хъæдуртæ" фыцынц…
Алы ран тымбылтæй
Сидзæртæ хуыссынц…

Послушать/Cкачать эту песню
Mp3 320kbps на стороннем сайте
А как ты думаешь, о чем песня "Сидзæргæс" ?
2010-2020 © WebKind.Ru Тексты песен