ГлавнаяИсполнителиРимма ИлуроваУалзæджы фидиуæг
название:

Уалзæджы фидиуæг


автор:

Римма Илурова


рейтинг: ★★★★★ / 4.7 / 742 просмотра
Донæн йæ былгæрон дидинæг райхæлдта
Узæлгæ йæ сырх сыфтæ
Суадон æм бахъазы цин йæ мидбылты
Амонды фидæн цæттæ

Æртахын йæ сыфтæ бауигъы
Дидинæг йæ хъæбыс бадары
Мæйрухс изæр та цын уалдзæг уадындзæй
Уарзæтты зарæг кæны

Дон хæрис аивæй зæхмæ æркасыди
Суадоны донæй цæры
Арвæй цæм бахудти хур йæ мидбылты
Уарзæттыл цинтæ кæны

Æртахын йæ сыфтæ бауигъы
Дидинæг йæ хъæбыс бадары
Мæйрухс изæр та цын уалдзæг уадындзæй
Уарзæтты зарæг кæны

Суадон йæ уылæнæй æрдзæн у цард хæссæг
Макуы дæр макуы уæд сæфт
Уалдзæджы фидиуæг ардзы дидинæг
Уарзæтты амонд хæссæг

Æртахын йæ сыфтæ бауигъы
Дидинæг йæ хъæбыс бадары
Мæйрухс изæр та цын уалдзæг уадындзæй
Уарзæтты зарæг кæны

Послушать/Cкачать эту песню
Mp3 320kbps на стороннем сайте
А как ты думаешь, о чем песня "Уалзæджы фидиуæг" ?
2010-2020 © WebKind.Ru Тексты песен