ГлавнаяИсполнителиСпартак ЛагкуевФандараст ма хъабул*
название:

Фандараст ма хъабул*


автор:

Спартак Лагкуев


рейтинг: ★★★★★ / 5.5 / 1523 просмотра
Бæлццонæн «фæндараст» зæгъын æмбæлы,
Фæлæ ныййарæгæн æнцон нæ вæййы,
{Фæндараст мæ хъæбул, фатау дæ фæндаг,
Фатау дæ фæндаг, бинонты фæндиаг.} x2

Макуы мын фæцуд, фæраз фæндагæй, 
Макуы мын æрхæсс дæ сæр æгадæй, 
{Дæ чысыл хуртæ дæумæ куы кæсынц,
Сæ рæзгæ удтæ дæуыл фæдзæхсынц.} x2

Мигъ бон куы цæуай айнæг фæндагыл, 
Дæхи-иу бафæдзæхс адæмы фарныл, 
{Хистæрты ныхас дæ зæрдыл бадар,
Æмæ дын фæндагыл уыдзæн цырагъдар.} x2

Мадæн фæзæгъы йæ буц хъæбул дæр, 
Ма мæм æхсайæд дæ зæрдæ мур дæр,
{Мæ сæр мæ куысты бæрзæндты хæссын,
Мæ развæндагмæ уариау кæсын.} x2

Подробнее: [bad word] [bad word] docs/music/file/139/

Послушать/Cкачать эту песню
Mp3 320kbps на стороннем сайте
А как ты думаешь, о чем песня "Фандараст ма хъабул*" ?
2010-2020 © WebKind.Ru Тексты песен