ГлавнаяИсполнителиАлла ХадиковаДыууæ уды
название:

Дыууæ уды


автор:

Алла Хадикова


рейтинг: ★★★★★ / 4.8 / 841 просмотр
Мæ сæфт амонд дæумæ цæуын фæдисы
Дæуæн зарын мæ зарджыты хуыздæр
Дæ фæндагмæ аез рухс тынтæ æлвисын
Дæ амондæн нывонд кæнын мæ сæр

Стъалытæ бæрзонд авыл куы хъазой
Уæд дард хъуысы æхсæрдзаенты нæрын
Дыууæ уды кæраедзийы куы уарзой
Уæд а зæххыл æнцондæр у цæрын

Мæ хуры хай кам дае цы ран цы бæсты
О курын дæ ‘стъалыйау фæзын
Фæзын æмæ дæ арфæйаг ныхæстæй
Фæсур мæ хур мæ сонт зæрдæйы зын

Мæ хуры хай мæ цин æмæ мæ катай
Сæууон хурау дæу  размæ хастон æз
Фæлæ кæсын дæ фæстæ ныр æнкъардæй
Мæ цæстытыл æрмынæг и дæ хуыз

Æви кæд нæй хъысмæты карзæй лидзæн
Æви дын кæд мæ уарзт æрдхæрæн нæу
Цæргæ бонты дæу сурдзынæн мæхицæй
Цæргæ бонты æз агурдзынæн дæу

Послушать/Cкачать эту песню
Mp3 320kbps на стороннем сайте
А как ты думаешь, о чем песня "Дыууæ уды" ?
2010-2020 © WebKind.Ru Тексты песен