ГлавнаяИсполнителиНеизвестенÆрсимут-ма нæртон симдæй
название:

Æрсимут-ма нæртон симдæй


автор:

Неизвестен


рейтинг: ★★★★★ / 4.7 / 676 просмотров
Æрсимут-ма нæртон симдæй
 Нæртон сахъгуырдтæ саг марынц,
 Æрсимут-ма æнгом симдæй,
 Æнгом адæм та цард арынц.

 Тæхуды ма йæ цæргæйæ
  Зæххыл рæсугъд фæд чи уадзы,
  Йæ хорз фыдæлты зæрдæйæ
  Йæ ирон бæстæ чи уарзы.

 Æрцæгъд-ма, чызг, дæ фæндырæй,
 Дæрдтыл хæссон мæ къабæзтæ,
 Мæ зарæджы зæлгæ мыртæй
 Мæ цин зæгъон, мæ сагъæстæ.

 Мæ худгæ хур фæскоймаг у.
 Æз æм цæудзынæн а фæззæг.
 Бæсты фидауц сылгоймаг у.
 Хæрзуд сылгоймаг — фарнхæссæг.

 Уæд ахæм амонд кæстæрты,
 Буц нын куыд дарой хистæрты.
 Бахизæд фарн сæ къæсæртыл,
 Зæххыл рæсугъдæй чи цæры.

 Ирон зарæг — нæ Бонвæрнон,
 Тæмæнтæ кал дæ рухс зæлтæй.
 Фыдæлты кад, фыдæлты ном
 Бæрзонддæр уæнт нæ урс хæхтæй.  (2 хатты)

 Фыдæлты кад, фыдæлты ном
 Бæрзонддæр уæнт нæ урс хæхтæй.  (2 хатты)

Послушать/Cкачать эту песню
Mp3 320kbps на стороннем сайте
А как ты думаешь, о чем песня "Æрсимут-ма нæртон симдæй" ?
2010-2020 © WebKind.Ru Тексты песен