ГлавнаяИсполнителиМедоеваАлолай
название:

Алолай


автор:

Медоева


рейтинг: ★★★★★ / 5.5 / 1451 просмотр
Мǽй та худы дǽ размǽ,
фǽнды та йǽ дǽ базмǽ.
Ды мǽн мǽйǽ хуыздǽр дǽ,
алолай кǽ мǽ зардǽ

Дǽ хуыссǽнмǽ ǽсталы,
фǽлмǽн тынтǽ ǽвзары.
Ды стъалыйǽ хуыздǽр дǽ
алолай кǽ мǽ зардǽ

Рог дымгǽ дǽм ǽрбазылд,
ǽркафыди дǽ разы.
Ды дымгǽйǽ хуыздǽр дǽ
алолай кǽ мǽ зардǽ

Æрвитынц дǽм нǽ царǽй,
тǽхаг цъиутǽ сǽ зарǽг.
Ды уыдонǽй хуыздǽр дǽ
алолай кǽ мǽ зардǽ

Нǽ гǽды дǽр дǽу уарзы,
ǽрфынǽй йы дǽ разы.
Ды гǽдыйǽ хуыздǽр дǽ
алолай кǽ мǽ зардǽ

Æртахти фын дǽ размǽ,
ǽрхуыссыди дǽ фарсмǽ.
Сымах ыстут хǽлǽрттǽ,
алолай кǽ мǽ зардǽ.

Послушать/Cкачать эту песню
Mp3 320kbps на стороннем сайте
А как ты думаешь, о чем песня "Алолай" ?
2010-2020 © WebKind.Ru Тексты песен